Notice: Function _load_textdomain_just_in_time was called incorrectly. Translation loading for the acf domain was triggered too early. This is usually an indicator for some code in the plugin or theme running too early. Translations should be loaded at the init action or later. Please see Debugging in WordPress for more information. (This message was added in version 6.7.0.) in /home/user/web/mal.scrum360.ru/public_html/wp-includes/functions.php on line 6260

Notice: Функция _load_textdomain_just_in_time вызвана неправильно. Загрузка перевода для домена cyr2lat была запущена слишком рано. Обычно это индикатор того, что какой-то код в плагине или теме запускается слишком рано. Переводы должны загружаться при выполнении действия init или позже. Дополнительную информацию можно найти на странице «Отладка в WordPress». (Это сообщение было добавлено в версии 6.7.0.) in /home/user/web/mal.scrum360.ru/public_html/wp-includes/functions.php on line 6260
Чемпионыл цин

Ведутся технические работы. Это может временно повлиять на скорость работы сайта. Приносим извинения за неудобства и благодарим за ваше понимание!

Чемпионыл цин


Warning: Undefined array key 1 in /home/user/web/mal.scrum360.ru/public_html/wp-content/themes/malitikov/single.php on line 15
Гасситы Мураты ном ныр ничиуал ферох кæндзæн. Юниер Дортикосыл куы фæуæлахиз, уæд Ирыстон бынтон сæрыстыр фæци нæ богалæй. Ныр у ныфс æмæ хъæбатырдзинады `вдисæн. 10 мин адæймагæй фылдæр æрмæст йæ феныны тыххæй абалц кодтой Сочимæ, боксертæ кæм фæныхмæ сты, уырдæм. Куы рамбылдта, уæд фырцинæй Ирыстоны цæрджытæ сæ хæдзæрттæй раивылдысты. Суанг райсоммæ хистæрæй-кæстæрæй, сылгоймагæй-нæлгоймагæй мидæмæ нал бацыдысты. Дыккаг бон Гасситы Мурат æртахт Дзæуджыхъæумæ. Йæ размæ та адæмы уылæнтæ акалдысты. Сæ `хсæн йæ цурмæ бафтыдис не сфæлдыстадон къорд дæр. Бакæсæм сæм се `рмæгмæ!

Цæвиттон, боксы ацы хæст баззайдзæн нæ бæстæйы, нæ республикæйы, алы спортуарзæджы зæрдæйы. Уыдон та гыццыл не сты. 3-æм æмæ 4-æм февралы Дзæуджыхъæуы æмæ нæ бæстæйы иннæ горæтты спортивон барты æмæ уынгты адæмæй азмæлæн нал уыд. Се`ппæт дæр дзырдтой æрмæстдзæр иу ныхас – Мурат – нæ чемпион.

Ацы бон уæлдай тынгдæр рабæрæг, Мурат зæххы къорийы цæрæг ирæтты, фыццаджыдæр та, Ирыстоны цæрджыты куыд æрбангом кодта, уый. Комкоммæ трансляцитæм адæм бынæттæ ахстой рагацау. Кæмæ нал æрхаудысты, уыдон та боксмæ уынджы кастысты.

10 мин адæймагæй фылдæр ацыдысты Сочийы “Стыр Ихын галуаны” сæйраг аренæмæ. Спортуарзджытæ ма сæхи хсæн худтысты, зæгъгæ, цыма Ирыстонæй дæр никуыдæм ацыдысты, афтæ фæйнæрдыгæй æрмæстдæр ирон ныхас хъуыст. Уæдæ уыцы бон Сочийы уынгты дæр уыйбæрц ирон тырысатæ никуы ничима федта.

Фæткмæ гæсгæ Мураты æмæ ДортИкосы хæст уыд фæсæмбисæхсæв. Фæлæ ерыстæм æнхъæлмæ кæсгæйæ, спортуарзджытæ изæры 10 сахатæй фæстæмæ бадтысты экранты цур. Алкæйдæр уырныдта – Мурат фæуæлазиз уыдзæн. Стæй, æнæмæнг, нокауты фæрцы. Фæлæ кæцы раунды, уый тыххæй алы хъуыдытæ уыд.

Спортуарзджытæ фыццаг фыдæнхъæл фесты. Раззагдæр минуттæй фæстæмæ Юниер ДортИкос бырста размæ. Мураты йæхимæ хæстæг нæ уагъта æмæ йæ къухты дæргъы руаджы цæвынмæ хъавыд. Фæлæ нæ лæппу сæттын нæ куымдта. Алы раунды дæр фидарæй лæууыд. Уый нæ, фæлæ ма фæстаг раундты фæсæрæндæр. 12-æм раунды та уыд ноджы тыхджындæр æмæ йæ тыхджын цæфæй Юниеры фыццаг нокауты арвыста. Уый фæстæмæ сыстад. Фæлæ та бирæ нæ афæстиат йæ къæхтыл. Æртыккаг нокуатæй ДортИкос рингæй асхъиудта æмæ йæ къæхтыл нал слæууыд.

Ерысты тæрхонгæнæг фембæлд баурæдта æмæ Гасситы Мураты уæлахиздзауыл банымадта. Мурат йæ уæлахиз снысан кодта йæ фсымæрæн, йæ ныхмæлæууæгæн загъта “бузныг”. Уыцы рæстæг дунейы алы бæстæты спортуарзджытæ се нкъарæнтæ не мбæхсгæйæ цин кодтой не мзæххоныл.

Дзæуджыхъæуы фæндæгтыл та уыд машинæтæй парад. Суанг райсоммæ æмызмæлд кодтой. Машинæты сигналтæ, музыкæ, кæфтытæ, хъæлдзæг хъæлæба, фейерверк – адæм цинæй нал æфсæстысты. Алы ранæй дæр – уыцы-иу ныхас: “Мурат – чемпион”.

Хуыцаубон, изæры дæсæм сахаты `рдæг. Дзæуджыхъæуы аэропорт. Чемпион сыздæхт йæ Фыдыуæзæгмæ. Ам дæр та – мингай адæймæгтæ. Алкæй дæр æй фæндыд фенын. Дардмæ уа, хæстæгмæ – уæлдай нæ уыд. Бирæтæ ма суанг телыхъæдтæм дæр сбырыдысты. Чемпионыл сæмбæлдысты 3 чъириимæ, кафт æмæ зардимæ. Мурат та, æдзух уæздан æмæ æфсæрмытæгæнаг лæппу, се ппæтæй дæр фæбузныг. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын адæмы иузæрдиондзинад йæ тыхыл тых æфтыдта.

Аэропорты цур машинæтæй азмæлæн нæй. Километры бæрц фæндаг æрæхгæдтой. Беслæнæй Дзæуджыхъæумæ уый бæрц машинæтæ никуы уыд. 1000-æй фылдæр, кортежы дзагæй цыдысты горæтмæ. Ацы уæлахизыл цингæнгæйæ, спортуарзджытæ æнхъæлмæ кæсынц Æппæтдунеон боксерты суперсерийы финалмæ. Гасситы Мурат фембæлдзæн Александр Усикимæ. Не `ндон богал та дзы хъуамæ рамбула. Æмæ ма бафтауынц, Мурат ныридæгæн дæр чемпион кæй у. Кæстæртæн фæзминаг. Æрыгон спортсменты уæлахизтæм разæнгардгæнæг. Адæмæн спортивон бæрæгбон æмæ циндзинадхæссæг.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
Telegram: t.me/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv

Warning: foreach() argument must be of type array|object, null given in /home/user/web/mal.scrum360.ru/public_html/wp-content/themes/malitikov/single.php on line 44